Бурхъусгалм

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Бурхъусгалмы сæр
Къодахыл хуысгæ бурхъусгалм

Бурхъусгалм (донгалм кæнæ хоргалм дæр; урыссагау хуыйны уж, латинаг классификацимæ гæсгæ Natrix Natrix) у æнæмарг калм, æппæт Европæйы бирæ рæтты чи цæры, суанг Скандинавийы дæр.

Бурхъусгалмæн йæ ном сæвзæрдис, йæ «хъусты» цы бур стъæлфытæ сты, уыдон тыххæй. Йæ буар вæййы морæхуыз, цъæх кæнæ сау, буары дæллаг фарс ирддæр вæййы. Дæргъмæ вæййынц 120 сантиметры онг (айкæй куы райгуырынц, уæд æрмæст 18 сантиметры сты).

Бурхъусгалмытæ бирæ рæстæг æрвитынц доны, хæрынц хæфсытæ (стæм хатт кæсæгтæ æмæ мыстытæ дæр).

Ацы калм адæймагæн ницы зиан хæссы. Марг ын куы нæй, æмæ уый тыххæй йæхи хъахъхъæнынмæ тæрсын кæны: йæ сæр размæ æрбаппары, афтæмæй йæ дзыхх дæр гом нæ кæны.


Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Мигæнæнтæ
Номдæттæ

Варианттæ
Æркæстытæ
Архайдтæ
хъæугæ æрвитæнтæ
Бацархай
Мигæнæнтæ
Æндæр æвзæгтыл