Бетховен, Людвиг ван

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Людвиг ван Бетховен
нем. Ludwig van Beethoven
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ предп. 1770-æм азы 16 декабры(1770-12-16)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1827-æм азы 26 мартъийы(1827-03-26)[4][1][5][…] (56 азы)
Мæлæты бынат
Ныгæныны бынат
Професситæ композитор
Сфæлдыстады азтæ 17821827
Инструменттæ фортепиано[d] æмæ скърипкæ[d]
Хорзæхтæ
Автограф
Изображение автографа
beethoven-haus-bonn.de
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Лю́двиг ван Бетхо́вен (нем. Ludwig van Beethoven, [ˈluːtvɪç fan ˈbeːthoːfn̩], райгуырдис 1770-æм азы 16 декабры Бонны, Вестфалийы – амардис 1827-æм азы 26 мартъийы Венæйы, Австрийы эрцгерцогад) у немыцаг композитор æмæ пианист, Венæйы классикон скъолайы минæвар.

Бетховен у, классицизм æмæ романтизмы периодты ’хсæн ныгуылæн классикон скъолайы сæйрагдæр рахæцæнтæй иу, дунейы тæккæ аргъуыцагдæр композитортæй иу — кæй уацмыстæ арæхдæр фæцæгъдынц, ахæмтæй. Фыста, йæ рæстæджы цы жанрты фæлдыстой, уыдоны се ’ппæты дæр. Се ’хсæн — оперæ, музыкæ драмон спектакльтæм, зæлхорон уацмыстæ, симфонитæ. Цы музыкалон бынтæ ныууагъта, уыдонæй тæккæ ахъазагдæртæ сты йæ инструменталон уацмыстæ: фортепианойы, хъисфæндыры æмæ виалончелы сонатæтæ, фортепианойы æмæ скърипкæйы концерттæ, квартеттæ, увертюрæтæ, симфонитæ. Бетховены сфæлдыстад тынг сахадыдта XIX æмæ XX æнусты симфонизмыл.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Фыдæлтæ[ивын | Бындур ивын]

Людвиг ван Бетховен райгуырдис 1770-æм азы 16 декабры Бонны, аргъуыд æрцыд 17 декабры, Сыгъдæг Ремигийы католикон аргъуаны.

Йæ фыд, Иоганн Бетховен (17401792) уыдис зарæггæнæг, тенор, галуанмæхау капеллæйы. Мад, Мария-Магдалинæ (чызгæй Кеверих) (17481787), уыдис галуанмæхау шеф-хæринаггæнæджы чызг Кобленцы. Сæ цард баиу кодтой 1767-æм азы.

Йæ фыдыфыды ном уыдис Людвиг (1712–1773), уый дæр зарыдис уыцы капеллæйы тенорæй, фæстæдæр сси капельмейстер. Уый уыди Мехеленæй (Хуссар Нидерландтæ), æмæ уый тыххæй сæ мыггаджы раззаг хай у «ван» — ван Бетховен.

Сабийы бонтæ[ивын | Бындур ивын]

Гыццыл Людвигæй йæ фыд хъавыдис саразынмæ дыккаг Моцарт æмæ йæ йæхæдæг райдыдта скърипкæ æмæ клавесинæй цæгъдыныл ахуыр кæнын. 1778 азы Кёльны лæппу фыццаг хатт ацъагъта сценæйыл. Фыд бамбæрста, йæ сывæллон вундеркинд кæй нæу, æмæ йын йе ’мкусджыты æхсæн ссардта ахуыргæнджытæ — иу дзы ахуыр кодта Людвиджы органæй цæгъдыныл, иннæ та — скърипкæйæ.

1780-æм азы Боннмæ æрцыди органист æмæ композитæр Кристиан Готлоб Нефе æмæ уый сси Бетховены æцæг ахуыргæнæг. Нефе уайтагъддæр бамбæрста, лæппумæ курдиат ис, уый. Базонгæ йæ кодта Бахы «Хорз темперацигонд клавир»-имæ, Генделы сфæлдыстадимæ, æмæ Бетховены хистæр æмдугонты уацмыстимæ (Ф. Э. Бах, Гайдн æмæ Моцарт). Нефейы фæрцы ма рухс федта Бетховены фыццаг уацмыс – вариацитæ Дресслеры маршы темæйыл. Людвигыл уæд цыдис 12 азы æмæ куыста галуанмæхау органисты æххуысгæнæгæй.

Бетховенты фыдыфыд куы амардис, уæд бинонты уавæр фæфыддæр ис. Людвиджы бахъуыдис ныууæдзын йæ скъолайы ахуыр, фæлæ уæдмæ базыдта латинаг æвзаг, ахуыр кодта итайлаг, францаг æмæ ма бирæ чингуытæ. Фæстæдæр, куы фæлæгдæр, уæд йæ фыстæджыты иуы раргом кодта:

« «Нæй ахæм уацмыс, æз фыр ахуыр кæй нæ бакодтон; æппындæр мæхицæй зондджын равдисынмæ нæ фæнд кæнын, фæлæ-иу мæ гыццылæй фæстæмæ фæндыд алы дуджы хуыздæр æмæ куырыхондæр адæмы мидапп бамбарын». »

Бетховены уарзондæр фысджытæ уыдысты рагон грекъæгтæ Гомер æмæ Плутарх, англисаг драматург Шекспир, немыцаг поэттæ Гёте æмæ Шиллер.

Уыцы рæстæджы Людвиг райдыдта фыссын музыкæ, фæлæ цы фыста, уыдон мыхуыр кæнынмæ нæ тагъд кодта. Бонны цы сфæлдыста, уыдонæн сæ фылдæрыл фæстæдæр бакуыста ногæй.

Лæппуйæ цы цамыстæ ныффыста, уыдонæй ма баззадис æртæ сонатæйы æмæ цалдæр зарæджы.

1787-æм азы Венæмæ ныххæццæ ис Бетховен æмæ йын Моцарт йæ импровизаци куы фехъуыста, уæд дзы хъæрæй сивæрзти: «Йæхиуыл алкæйдæр сдзурын кæнын кæндзæн!».

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 Беетговенъ (уырыс.) // Энциклопедический лексиконСПб: 1836. — Т. 5. — С. 161—162.
  2. 2,0 2,1 Бетховен, Людвиг, Բեթհովեն, Լյուդվիգ (уырыс.) // Энциклопедический словарь / под ред. И. Е. АндреевскийСПб: Брокгауз — Ефрон, 1892. — Т. IIIа. — С. 643—644.
  3. Ludwig van Beethoven // Internet Broadway Database (англ.) — 2000.
  4. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  5. 5,0 5,1 5,2 Dommer v. Beethoven, Ludwig van (нем.) // Allgemeine Deutsche BiographieL: 1875. — Vol. 2. — S. 251–268.
  6. Wurzbach D. C. v. Beethoven, Ludwig van (нем.) // Biographisches Lexikon des Kaiserthums Oesterreich: enthaltend die Lebensskizzen der denkwürdigen Personen, welche seit 1750 in den österreichischen Kronländern geboren wurden oder darin gelebt und gewirkt habenWien: 1856. — Vol. 1. — S. 224.