Бараташвили, Никъолоз Мелитоны фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Никъолоз Мелитоны фырт Бараташвили
гуырдз. ნიკოლოზ ბართაშვილი
Райгуырды датæ 1817-æм азы 4 декабры(1817-12-04)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 9 (21) октябры 1845 (27 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, фыссæг
Уацмысты æвзаг гуырдзиаг æмæ уырыссаг[1]
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бараташвили Мелитоны фырт Никъолоз (гуырдз. ნიკოლოზ მელიტონის ძე ბართაშვილი) — зындгонд гуырдзиаг поэт-романтик. Райгуырдис Тбилисы 1817-æм азы 15 (27) декабры. Йæ бинонтæ уыдысты номдзыд, фæлæ мæгуырмæ æрцæуæг кънйазты мыггагæй.

Ныййарджытæ[ивын | Бындур ивын]

Йæ фыд Мелитон зыдта уырыссаг æмæ цалдæр кавказаг æвзаджы, æмæ службæ кодта чиновникæй Ермолов æмæ Паскевичы администрациты. Йе ’мдуггæгтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Мелитон уыди мæстыгæр æмæ рæузæрдæ адæймаг. Фæстагмæ лæг ’рцыд мæгуырмæ, æмæ йæ æнæфыст хæсты уаргъ æрæнцади йæ бинонтыл. Никъолозы хъысмæтыл фæбæрæг ис йæ фыды æнамонд уавæр.

Поэты мад Евфимия (Ефимия) — поэт Григол Орбелианийы хистæр æмæ уарзондæр чызг — уыди хорзудыхъæдджын адæймаг æмæ Никъолоз йæ туджы рахаста йæ ныййарæджы уæздан миниуджытæ.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Никъолозы мад уыди йæ фыццаг ахуыргæнæг. Поэты фыццаг чингуытæ уыдысты Псалтырь, Часослов æмæ Евангели. Йæ иуæй-иу æмдзæвгæты стиль æмæ лексикæ бæлвырд æвдисынц, Бараташвили иттæг хорз кæй зыдта раггуырдзиаг литературæйы уацмыстæ.

Дæсаздзыд Татойы (бинонтæ йæ буцæн афтæ хуыдтой) радтой Уæздæтты тбилисаг училищемæ. Ахуырдон 1830-æм азы сси гимназ. Уæды заман йæ удыхъæдыл тынг бандæвта зындгонд æхсæнадон-политикон архайæг Соломон Додашвили æмæ æндæр педагогтæ. Никъолоз уыди зæрдæргъæвд ахуырдзау, уыди хъæлдзæг æмæ цæрдæг, стæй, æвдисæнтæ куыд дзурынц, уыди цыргъзонд æмæ кафаг.

Гимназистты зæрдæмæ цыди литературæ, уарзтой кæсын Байроны, Гетейы, Мицкевичы, Пушкины, уагътой къухфыст журнал «Тифлисы гимназы дидинæг».

Йæ лæппуйы бонты Бараташвили фæсахъат кодта йæ къах æмæ йæ цæрæнбонтæм баззади къуылыхæй. Уыцы цау, æнæуый дæр æнкъараг лæппуйы, скодта мæстыгæнаг. 1835-æм азы, гимназ куы фæци, Бараташвили хъавыди бацæуын æфсæддон службæмæ кæнæ университетмæ. Йæ ныййарджыты нæ фæндыди цæмæй сæ фырт суа æфсæддон, фæлæ иннæрдæгæй та сын нæ уыди æхца уæлдæр ахуырдонмæ бацæуынæн.

Цæмæй йæ рынчын æмæ хæрзмæгуырмæ æрцæуæг фыдæн ахъаз фæуа, уымæн 18-аздзыд Никъолоз райдыдта кусын чиновникæй Кавказы тæрхондæтты уæлдæр уагдонмæ — Тæрхон æмæ бафхæрды экспедицимæ.

Æнамонд разынди Никъолозæн йæ хион цард дæр. Поэт бауарзта Екатеринæ Чавчавадзейы (Грибоедовы усы хо) æмæ куыд йын фæкасти йæ уарзт уыди æмзæрдиуæг, фæлæ йæ уарзон чызг хуыздæрæн равзæрста Мегрелы æлдариуæггæнæг кънйазы.

Нахичеваны уезды хицауæй азырдæг фæкуыста, афтæмæй 1844-æм азы йæ раивтой ног ахæм бынатмæ сахар Ганджамæ. Уым Никъолоз рæхджы фæрынчын фыдхъæд тæфсæгæй. Фæзиан уыцы низæй 1845-æм азы 9 (21) октябры 27-аздзыдæй.

Бавæрдтой йæ, Ганджайы фидары цы аргъуан уыд, уый кæрты. Æрмæст æнусы ’мбисы фæстæ, 1893-æм азы йæ буар баныгæдтой ног ран — Тбилисы. Вагзалы раз æрæмбырд ис цалдæр мин адæймаджы æмæ худаистæй загътой рухсаг. Табæт суанг Дидубейы уæлмæрдтæм фæхастой къух-къух. Бараташвилийы уæлингæн Илья Чавчавадзе скодта йæ зындгонд раныхас.

1938-æм азы поэты буар ныгæд æрцыд ног ран — кады зарджытæ кæуыл фæкодта, уыцы хох Мтацъминдайы, Гуырдзыстоны зынгæ архайджыты Мтацъминдайы пантеоны.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Службæйæ уæгъд рæстæг нывонд кодта литературон куыстæн. Æдæппæтæй поэт ныффыста æрмæст 36 æмдзæвгæйы æмæ историон поэмæ «Гуырдзыстоны хъысмæт», фæлæ уыцы уацмыстæй дæр Бараташвили сси гуырдзиаг дзырдаивады номдзыддæр минæвæрттæй иу.

Зындгонддæр уацмыс[ивын | Бындур ивын]

Бараташвилийы лирикæйы æххæстдæр хуызæгыл нымад у æмдзæвгæ «Мерани». Ирон æвзагмæ йæ иттæг дæсны раивта зындгонд ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæрги.

* * *

(Æфсургъ)

Уайы, скъæфы мæ фыдвæды ме ’фсургъ, уадæмдзу тæхы,
Уасы сау халон мæ фæдыл æмæ нал хæцын зæххыл!
Тæх æнæфæцудгæ, ме ’фсургъ, тæх дæ хивæнд тахтæй ды,
Æмæ дымгæйы бар бакæн ме знæт саууылæн хъуыды!
Айгæрд уадтымыгътæ, фурдтæ, хæхтыл, сæрсæфæнтыл ахиз,
Атындз, ме ’нæрхъæц зæрдæйæн ратт фæндагсары уæлахиз,
Ма фыдæнтæфы фæчъил у, ма фыдкъæвдайы, мæ дугъон,
Ма дæ барæгыл фæцауæрд, цинæй — удуæлдай! — фæцух уон.
Уадз, мæ уæзæгæй фæхауон, ма уон ме ’мгæртты нымæцы,
Мауал ме схæсджыты фенон, ма — цы рæсугъдыл нæ хъæцын;
Хур, кæм мыл ныгуылай, уым мыл ног дæрддаг хæхтæй-иу ракæс,
Иу æрмæст — зæгъа мæ зæрдæ ме ‘мдзу стъалытæн йæ сагъæс.
Ме ’нкъард уды рис, мæ нымд уарзт фурды ’хсидæнæн дæттын,
Де ’рра фидыцы тъæбæрттыл ме ’рдаг сусæг монц бæттын, —
Тæх æнæфæцудгæ, ме ’фсургъ, тæх дæ хивæнд тахтæй ды,
Æмæ дымгæйы бар бакæн ме знæт саууылæн хъуыды.
Уадз, мæ фыдæлты уæлмæрдтæй дард ран баййафон мæ мæлæт,
Ма мыл удлæууæн чызгайы судзгæ сау цæссыг æркæлæд;
Искуы быдыры мын халон уасгæ скъахдзæни мæ ингæн!
Æмæ ме стджытыл тыхдымгæ сыджыт бакалдзæни ниугæ!
Уым мыл уарзоны куыды хай арв изæр-райсом кæндзæнис,
Хион-хицæтты бæсты мыл сау сынтыты бардз кæудзæнис!
Атындз, ме ’рдаг æфсургъ, тагъддæр, атон карз хъысмæтæн й’ арæн,
Тæх, йæ коммæгæс, йæ цагъар, уымæн никуы уыд дæ барæг.
Уадз, мæ й’ амæттаг æрбауон, искуы амæлон дзæгъæл —
Ма ’гъгъæл, мисхал дзы фæтæрсон, ризгæ ’ркъул кæнон мæ сæр!
Тæх æнæфæцудгæ, ме ’фсургъ, тæх дæ хивæнд тахтæй ды
Æмæ дымгæйы бар бакæн ме знæт саууылæн хъуыды!
Кæд нæ фæуаид хæрзуæгъды ацы удуæлдай хъуырдухæн,
Кæд хæрз æвæды дæ фæдтæ искуы ссариккой, мæ дугъон;
Æмæ ме ’фсымæр, мæ фæдон йе ’фсургъ фесхоид æдасæй,
Æмæ сау хъысмæты дугъы къахдзæф н’ ауадзид йæ разæй!
Уайы, скъæфы мæ фыдвæды ме ’фсургъ, уадæмдзу тæхы, —
Уасы сау халон мæ фæдыл æмæ нал хæцын зæххыл!
Тæх æнæфæцудгæ, ме ’фсургъ, тæх дæ хивæнд тахтæй ды,
Æмæ дымгæйы бар бакæн ме знæт саууылæн хъуыды!

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.