Балхъайраг адæм
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Балхъайрæгтæ (Таулула) |
||||
|---|---|---|---|---|
| Казим Мечиев • Хъайсын Кулиев | ||||
| Нымæц: | ~170 000 | |||
| Ахæлиу: |
|
|||
| Æвзаг: | хъæрæсейаг-балхъайраг | |||
| Дин: | пысылмон дин | |||
| Хæстæг адæмтæ: | хъæрæсейæгтæ | |||
Балхъайрæгтæ (асыйæгтæ дæр; иууон нымæц: иронау — асиаг, дыгуронау — æссон; хином таулула «хохæгтæ») сты Цæгат Кавказы цæрджытæ, Кæсæг-Балхъары бындурон адæм. Уыдон дзурынц хъæрæсейаг-балхъайраг æвзагыл. Балхъайрæгты фылдæр хай цæрынц Уæрæсейы (108 мины бæрц), сты Кæсæг-Балхъары титулон адæмыхæттытæй иу, уыцы республикæйы цæрджытæй 11,6%.
1944-æм азы 8 мартъийы æппæт балхъайраг адæм ралидзын кодтой Хъазахстан æмæ Астæуккаг Азимæ (уæлдайдæр Хъиргъизмæ). Фæстæмæ раздæхыны фадат сын фæзындис æрмæстдæр 1957-æм азы. 3 мины бæрц балхъайрæгтæ ныр дæр цæрынц Хъазахстаны.