Байаты Гаппо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Байаты Гаппо
Райгуырды датæ 1870-æм азы 19 сентябры(1870-09-19)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1939-æм азы 24 апрелы(1939-04-24) (68 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз фыссæг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Байаты Гаппо (райгуырдис 1869 кæнæ 1870-æм азы Ольгинскæйы — амардис 1939-æм азы Берлины) уыд Ирыстоны æхсæнæдон æмæ культурон архайæг, адвокат æмæ чиновник, рухстауæг, фыссæг æмæ тæлмацгæнæг.

1911-æм азæй 1920-æм азы онг куыста Дзæуджыхъæуы сæргълæууæгæй.

Революцийы фæстæ ацыдис Тбилисмæ, стæй 1921-æм азы Германмæ. Берлины ма уагъта иронау чингуытæ, амыдта ирон æвзаг Берлины университеты студенттæн.

Байаты Гаппойы ном хæссы Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]