Ансари, Ануше

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Ануше Ансари

Ануше Ансари (перс. انوشه انصاری, райгуырд 1967-æм азы 12 сентябры Машхады) у АИШ-ы цæрæг персайнаг амалиуæггæнæг, фирмæ Prodea Systems-ы бындурæвæрæг æмæ сæргълæууæг. Зындгонд сси йæ космосмæ балцы фæстæ.

2004-æм азы Ануше æмæ йе ’фсымæр Амир цалдæр милуан доллæры балæвæр кодтой фонд X-Prize-мæ (уый фæстæ фонд хуыйны Ansari X-Prize). Фонды сæйраг нысан у космосон нау саразын.

Ансарийы рагæй фæндыди космосмæ тæхын æмæ йын 2006-æм азы ахæм фадат фæзынди. Уыцы аз 18 сентябры уый стахти Байконурæй æмæ уымæй сси фыццаг ирайнаг æмæ фыццаг пысылмон сылгоймаг космосы. Йæ тахт 29 сентябрмæ адаргъ и.


Мигæнæнтæ
Номдæттæ

Варианттæ
Æркæстытæ
Архайдтæ
хъæугæ æрвитæнтæ
Бацархай
Мигæнæнтæ
Æндæр æвзæгтыл