Алазан
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Алазан (Алазандон, Алазаны дон; сол. Алазан, азерб. Qanıx, гуырдз. ალაზანი) у цæугæдон Гуырдзыстоны скæсæны æмæ Азербайджаны ныгуылæны; йæ иу хайæ аразы ацы дыууæ паддзахады ’хсæн арæн. Ныртæккæ кæлы Мингечауры донуатмæ, раздæр та уыди Къуары галиу фæрсагдæттæй стырдæр.
Алазаны дæргъ у 351 км; донæмбырды[1] фæзуат у 10800 км². Дон гуыры Стыр Кавказы хуссарвæхстыл.