Адыл-Гирей Кешев

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Адыл-Гирей Кешев
Райгуырды датæ 1837[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1872[1]
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, журналист
Уацмысты æвзаг уырыссаг

Кешев Кучукы фырт Адыл-Гирей (1840 (1837-?) — 1872) уыди абазаг фыссæг æмæ æхсæнадон-политикон архайæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Сабийы бонтæ[ивын | Бындур ивын]

Адыл-Гирей райгуырдис Черкесы, Кечевы хъæуы (æрбынат кодта ныртæккæйы Карачаевскы цур) абазаг æлдары бинонты æхсæн. Райдайæн ахуырад Адыл-Гирей райста пысылмон динон скъолайы.

1850-æм азы Кешев бацыдис Стъараполы гимназы цæттæгæнæн хайадмæ. Тæккæ райдианæй Адыл-Гирей равдыста стыр курдиат. Къласæй къласмæ хызтис ахуыры иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Уæлдайдæр йæ зæрдæ Кешев лæвæрдта литературæ æмæ историмæ. Адыл-Гирейы литературæйы хъуыддæгты курдиæттæ раргом сты 1857-æм аз ы, Стъараполы гимназы кæй арæзтой, уыцы конкурсы. Кешевы уацмыс «Нырыккон уырыссаг уацаутæ æмæ романты геройты характеры тыххæй» къамис банымадта хуыздæр уацмыстæй иуыл. Дарддæры конкурсы Адыл-Гирей райста фыццаг хæрзиуæг йæ уацмысы тыххæй, кæцыйы ном уыди «Пётр, Екатеринæйы æмæ ныры рæстæджы литературæйы сатирикон здæхты тыххæй». Уынæффæйы æмбырд æмхъæлæсæй банымадта, ацы конкурсмæ цы уацмыстæ бавдыстæуыд, уыдоны æхсæн Адыл-Гирей Кешевы уацмыс тæккæ хуыздæрыл.

Ахуыр Бетъырбухы[ивын | Бындур ивын]

1852-æм аз ы Адыл-Гирей Стъараполы гимназ фæцис сыгъзæрин майданимæ æмæ баззадис уым. Æмрæстæджы университетмæ бацæуыны фæлварæнтæм йæхи цæттæ кæнгæйæ, лæппу ахуыр кодта курсыты.

Уæдмæ ахæссæн ис Кешевы литературон сфæлдыстады райдайæн. Йæ фыццаг мыхуыргонд уацмыстæ уыдысты радзырдтæ «Хъæуы арвыст дыууæ мæйы», «Зинты ахуыргæнинаг», æмæ «Быдыргъ».

1860-æм аз ы Адыл-Гирей Кешев бацыдис Бетъырбухы паддзахадон университеты скæсæйнаг æвзæгты факультетмæ, фæлæ йæ ахуыр бирæ нæ ахаста: 1861-æм азы университеты студенттæ бацархайдтой полякаг манифестацидзауты фехсты фæдыл панихидæйы. Уыцы цауæй фæстæмæ паддзахы хицауад сфидар кодта, студентты æхсæн сæрибархъуыды бындзарæй чи хъуамæ скъахтаид, университеты ахæм ног фæткойтæ. Уыцы реакцион фæткойты ныхмæ студенттæ аразын райдыдтой бирæнымæцон митингтæ æмæ ныхмæлæудтытæ, кæцыты архайдта æрыгон фыссæг Кешев дæр. Ныхмæдзырды нысанæн 1861-æм азы ноябры мæйы Кешев ныффыста фидиуæн Кавказы комитеты фæткдары номыл. Фыстæджы загъдæуыд:

Мæ уæлдæр ахуыр фæуыны фæндонмæ нæ кæсгæйæ, университеты цы ног фæткойтæ сфидар чындис, уыдоны тыххæй мæ бон нæу университеты баззайын. Мæ хæсыл нымайын Уæ Уæлдæрдзинадæн уый тыххæй фехъусын кæнын, æмæ Уæ курын, цæмæй бадзырд радтат мæн кавказаг ахуыргæнинæгты нымæцæй рацух кæныны æмæ мæ райгуырæн бæстæмæ ацæуынæн æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кæныны тыххæй.

1861-æм азы Кешев ныууагъта университет æмæ ацыдис Стъараполмæ. Цалдæр рæстæджы губернæйы центры куыста тюркаг æвзæгтæй тæлмацгæнæгæй Стъараполы губернæйы къæнцъылары. 1862-æм азæй æмæ 1867-æм азы онг Кешев Стъараполы гимназы сывæллæттæн лæвæрдта тюркаг æвзæгтæй иуы уроктæ.

Редакторон архайд Дзæуджыхъæуы[ивын | Бындур ивын]

1867-æм азы августы мæйы Кешев ацыдис Дзæуджыхъæумæ æмæ 1868-æм азы райдайæны сси Терчы облæсты официалон оргæн чи уыдис, уыцы æрвылкъуырион газет «Терские ведомости»-йы («Терчы хабæрттæ») редакторæй. Редактор Кешевы рæстæг газет «Терские ведомости» Цæгат Кавказы хохæгты æхсæнадон-экономикон цардæн æгъдау кодта. Газеты цы мыхуыргонд цыдис, уыцы мидисджын уацты автортæ уыдысты Кази Атажукин, Дмитрий Кодзоков, Чах Ахриев æмæ æндæртæ. Кешевы рæстæджы йæ газет тынг ахъаз уыдис хохаг адæмыхæттыты истори иртасыны хъуыддаджы, Цæгаты Кавказы цæрджыты иумæйаг культурон æмвæзады рæзтæн дæр.

Ацы курдиатджын фыссæг æмæ рухстауæджы редакторон архайд дæтты йæ дунемæбакасты анализæн хъæздыг æрмæг. Адыл-Гирей Кешевы фæстæ баззадис, журналистикæмæ æрбацыды размæ цы ныффыста, ахæм уыцы цалдæр аивадон уацмысы. Газеты куыстæн хъуыдис дзæвгар рæстæг æмæ уый тыххæй бамбарæн ис, Кешев йæ литературон сфæлдыстадыл цæй тыххæй нал архайдта, уый.

Литературон сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Йæ литературон уацмысты А.-Г. Кешев æвдисы хохæгты цард, сæ зæрдæйы уаг, се ’гъдæуттæ æмæ зæрдæскъæфт фæвæййы хуымæтæджы адæмæй. Уый фыста уырыссагау, фæлæ йе стилæн ис æргом адæмон мидис, кæцы черкесаг ныхасы хæдуæвындзинад иттæг хорз дæтты.

Йæ цыбыр царды дæргъы Кешев æхсæнадæн уыйас сарæзта, æмæ йæ ном æрлæууыдис XIX æнусы зындгонддæр адыгаг æхсæнадон-политикон архайджыты цур.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]