Абд аль-Кадиры растад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Абд аль-Кадиры растад, зæгъгæ, афтæ хуындæуы, 18321847 азты Алжиры, сæ сæргъы Абд аль-Кадир афтæмæй, Францы ныхмæ цы адæмон тох уыдис, уый.

Растадæн йæ разæууæл разæууæл уыдис уый æмæ 1830-æм азы францæгтæ уæды Алжир колонизаци кæнын кæй райдыдтой. Фыццаг растадысты провинци Ораны араббаг-бербераг знæмтæ 1832-æм азы майы. Растады фæтæгтæй иу сси Абд аль-Кадир. Уымæн бантысти баиу кæнын, уый размæ алыхуызон социалон къордтыл дихтæ чи уыдис, уыцы знæмты. Уыдон равзæрстой аль-Кадиры эмирæй. Растады рæстæг тохгæнджытæ сарæзтой паддзахад (эмират), сæ сæйраг сахар уыди Маскарæ, афтæмæй. Хæст уыдис иттæг карз æмæ тугкæлæн, францæгтæ цалдæр хатты фембылды сты æмæ 1834-æм азы февралы сфидар кодтой араббæгтимæ фидыды бадзырд.

1835-æм азы хæст ногæй райдыдта, фæлæ францæгтæ ныр дæр фембылды сты æмæ 1837-æм азы майы сфидар чындис фидыды ног бадзырд. Бадзырдмæ гæсгæ Франц разы уыдис, Ныгуылæн Алжиры фылдæр хайыл Абд аль-Кадиры тыхбар кæй æххæссы, уыимæ.

1837—1838-æм азты Абд аль-Кадиры эмираты хъомыс уыди йæ тæккæ тынгыл. Эмираты экономикæ уыди милитаристон, уымæн æмæ сæ хъуыди ныхкъуырд дæттын францæгты дарддæры ныббырстытæн. Тынг рæзыди хæстон индустри: сарæзтæуыд, æхсæргæрдтæ, топпытæ, сармадзантæ, топпыхостæ чи кодта, ахæм куыстуæттæ. Эмираты хæдæфсады æмрæнхъ сарæзтæуыд регулярон æфсад æмæ цалдæр хъахъхъæнæн хаххы.

Рæстæгмæ фидыды рæстæг Абд аль-Кадир скодта цалдæр реформæйы: административон (эмират дихгонд æрцыдис цалдæр облæстыл), экономикон, тæрхондæтты æмæ хъалонты. Паддзахад уагъта хи æхца.

1838-æм азы 18 октябры францæгтæ фехæлдтой 1837-æм азы фидыды бадзырд. Францаг æфсад хи бакодта Константинæйы сахар, 1843-æм азмæ та байста дынджыр феодалты гадзрахатты охыл слæмæгъ уæвæг эмираты фылдæр хай. Абд аль-Кадир бааууон ис, йæ хицæуттæ дæр францæгты ныхмæ тох чи кодта, уыцы сыхаг Мароккойы территорийыл. Фæлæ мароккойæгтæ дæр фембылды сты æмæ сын æндæр гæнæн нæ уыди æмæ феддæдуар кодтой аль-Кадиры сæ бæстæйæ.

1845-æм азы Алжиры райдыдта, йæ сæргъы фæсарæнтæй раздæхæг Абд аль-Кадир кæмæн уыди, уыцы ног растад.

1847-æм азы тохгæнджытæ дæрæнгонд æрцыдысты æмæ уыцы азы 22 декабры хи радта инæлар Ламорисьер æмæ Омайлаг герцоджы къухмæ, æмæ йæ арвыстæуыд Францмæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Луцкий В. Б. Новая история арабских стран. — М., 1966. — Гл. 13;
  • Хмелева Н. Г. К вопросу о значении алжирского государства, возглавлявшегося Абд-аль Кадиром // Арабские страны. — М., 1966;
  • Blunt W. Desert hawk. Abd el-Kader and the French conquest of Algeria. — L., 1947.