Æхсин

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æхсин — æнæлæгæй йæхæдæг лæгиуæг чи кæны, ахæм хъæздыг сылгоймаг.

Фылдæр хатт йæ лæг вæййы мард, кæнæ цæры, йæ хъæздыгдзинады тыххæй йæм мидæгмоймæ чи бацыд, æмæ рæстмæ сдзурыны бар дæр кæмæн нæй, йæ алы ныхасыл дæр ын «о» чи кæны, хион, намыс кæмæй ферох вæййы, ахæм лæгимæ. Йæ лæг уыцы уавæры йæ намыс нæ, фæлæ йæ ном дæр фесафы æмæ йыл-иу сбадт ном Æхсины лæг. Ахæмы фæлгонц ирдæй æвдисы Къоста йæ æмдзæвгæ «Æхсины лæджы».

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.