Æрдхорд æмгæрттæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æрдхорд æмгæрттæ — раздæр ирон адæмы царды чи уыд, ахæм æрдхорддзинады (кæнгæ ’фсымæр) фæтк. Уыцы фæткмæ гæсгæ-иу хæстон ныббырст кæнæ æндар исты тæссаг хъуыддаджы размæ лæппулæгты къорд ард бахордтой, стæры рæстæг æфсымæртау кæй уыдзысты. Ард-иу хордтой бæрæг ритуалон æгъдаумæ гæсгæ хъулон хъилы бын.[1]

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Æрдхорд арæзт у дыууæ дзырдæй ард æмæ хæрын-æй. Мивдисæг хæрын цы амоны, уый алчидæр хорз зоны. Нæ дзырдуæтты ард ис хицæн дзырдæй дæр, амоны: клятва, присяга.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 30 ф.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Агънаты Æхсар. Нæ рагон социалон фæзынд – æрдхорд // Фидиуæг. — Цхинвал, 1986. — № 6. — С. 82–84.