Æмхæццæ контролон къамис

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамис (ÆККъ) арæзт æрцыдис 1992 азы 24 июны, Дагомысы сразыдзинæдты бын политиктæ сæ къухæрфыстæ куы æрæвæвæрдтой, уæд. Къамис сарæзтой гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы æхстытæ æруромыныл контроль сифтонг кæныны, хотыхджын баиугæндты акæнын, хихъахъхъæнынадон тыхты ссæрибар кæнын æмæ æдасдзинады режим сифтонг кæныны нысæнттæн. У конфликт æрбæстон кæныны æмæ йын йæ фæстиуджытæ аиуварс кæнын хайадисæг цыппар фарсы æдзухархайæг оргæн.

Æмхæццæ контролон къамисæн йæ бынат ис Цхинвалы. ÆККъ-йы хæстæ æмæ æххæстбартæ бæлвырд æрцыдысты 1992 азы Дагомысы сразыдзинæдтæй, ÆККъ-йы тыххæй Уагæвæрдæй æмæ ÆККъ-йы æндæр сразыдзинæдтæ æмæ уынаффæтæй, кæцыйыл сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Федерацийы, Гуырдзыстоны, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы æххæстбарджын минæвæрттæ æмæ нымад цæуынц дунеон нормативон-барадон акттыл[1].

Йæ хæстæ æххæст кæныны тыххæй фæрсты баныхасмæ гæсгæ ÆККъ-йы арæзт æрцыдысты Æмхæццæ тыхтæ[1] сабырад æрфидар кæнын æмæ барвæтк хъахъхъæныны тыххæй. Æмхæццæ тыхты арæзт æрцыдис æфсæддон хъусдарджыты Æмхæццæ къорд, кæцы æрывнæлдта йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ.

Уæрæсейаг-гуырдзиаг Сразыдзинады ахсджиаг у, фæрстæ сæхимæ хæс кæй исынц экономикон санкцитæ æмæ блокадæтæй нæ пайда кæнын, сæрибар фæндагыл товарты, лæггæдты æмæ адæмы змæлдæн ныхдуртæ нæ аразын, афтæ ма исынц хæс сæхимæ, цæрджытæн гуманитарон æххуыс бакæнынæн уавæртæ аразын.

ÆККъ-ы куысты хайад исы Гуырдзыстоны ЕÆÆО-йы Мисси[1]. Йе сконд æмæ йæ компетенцимæ гæсгæ ÆККъ-йы хæс у, дæсгай мин адæймæгты уавæримæ æмæ Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн кæрæдзимæ ахастытæ бæстон кæныны сабырадон процесс æнтысгæйæ æххæст кæнынимæ баст бирæ практикон фарстытæ скъуыддзаг кæнын.

ÆККъ-ы уæвынады рæстæджы ауагъд æрцыдысты ÆККъ-ы Æмсæрдæртты 51 рабадт æмæ фембæлды[1], кæцыты ист цыдысты ахсджиаг уынаффæтæ конфликтгæнæг фæрсты барадхъахъхъæнæг оргæнты æмархайды æмæ гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы сабырад æмæ барвæтк хъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты архайды тыххæй, экономикæ æмæ ныпырхгонд адæмон хæдзарад сæндидзын кæныны, афтæ ма лигъдæтты æмæ æвæндонæй йæ цæрæнбынат фæивæг адæймæгты фæстæмæ раздахыны фарстыты фæдыл.

ÆККъ-ы хуссарирыстойнаг хайы персоналон сконд[ивын | Бындур ивын]

Къухдариуæггæнæг: Цоциты Барис Елиозы фырт — РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, Сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министр[1].

ÆККъ-ы хуссарирыстойнаг хайы уæнгтæ:[ивын | Бындур ивын]

Контакттæ[ивын | Бындур ивын]

Республикæ Хуссар Ирыстон, Цхинвал, Хетæгкаты Къостайы уынг, 1. ÆККъйы хуссарирыстойнаг хай.

Интернеты сайт: http://sojcc.ru/iron/ Архивгонд æрцыдис 24 январы 2009 азы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 Къамисы официалон сайтмæ гæсгæ(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 8 декабры. Архив 2009-æм азы 6 октябры.